Новости
Общество

"Ахуыргӕнӕг" О ! цас хъармдзинад ис ацы дзырды

Зӕгъӕн ис , ӕмӕ алы сывӕллоны царды дӕр ахуыргӕнӕг кӕй у иууыл ахсджиагдӕр адӕймаг. Уымӕн бантысы сывӕллонмӕ сӕрмагонд ахаст равдисын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ архайд ахсджиаг бынат ахсы рӕзгӕ фӕлтӕры хъомылады. Ныййарджыты фӕстӕ уыдон ӕххуыс кӕнынц ӕвзонг адӕймаджы царды раст фӕндагыл слӕууын кӕнынӕн. Ахуыргӕнджытӕ ӕппӕт сӕ цард ӕмӕ тых снывонд кӕнынц аккаг фӕлтӕрӕн ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕнады ис стыр кад. ӕрвыл аз дӕр 5-ӕм октябры фӕнысан кӕнынц ахуыргӕнӕджы бон. ӕмӕ нӕ эфирты мах ӕвдисдзыстӕм сюжеттӕ бирӕ азты йӕ цард рӕзгӕ фӕлтӕрӕн чи снывонд кодта ахӕмты гоймӕгты . Сӕ иу- Токадзе Нина Михайлы чызджы тыххӕй у нӕ уацхӕссӕг Плиты Янайы репортаж.

26.09.2020